Къадыров мæхъхъæлæн – бахъавут æмæ иу акци дæр саразут мæ територийыл æмæ фенæм, кæд сымах удгасæй ацæуат бынатæй
Къадыров мæхъхъæлæн – бахъавут æмæ иу акци дæр саразут мæ територийыл æмæ фенæм, кæд сымах удгасæй ацæуат бынатæй
Цæцæны президент, Рамзан Къадыров мæхъхъæлимæ къухфыст арнæон бадзырды ныхмæлæуджытæм æртхъирæн кæны. Къадыровы ныхасмæ гæсгæ, арæнон бадзырд бæлвырдгонд у, мæхъхъæлы та акцитæ чысыл нымæцон къорд аразы, кæцыты бæрнонтæ сæрмагонд сæр – лидертæй хонынц.
«Кæд сымах æцæгæй дæр нæлгоймæгтæ стут, кæнæ та наци стут, кæд æмæ ацы территори сымах у, уæд саразут, бахъавут æмæ саразут иу акци дæр мæ территорийыл æмæ сомы кæнын иу адæймаг дæр сымахæй, йæхи къахæй нæ ацæудзæн ардыгæй» -расидтис Рамзан Къадыров.