Кабулы стынды аххосæй фараст адæймаг амард. Фæцæф сты 20 гоймаг,сæ нымæцы сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Информаци хъусын кæны «Ройтер».
Рауагъдады хъусинагæй, стынды нысан уыдис афгъанистайнаг парламентар Хан Мохамед Вардак, кæцы аирвæзтис.
Срæмыгъдыл бæрн йæхим нырма иунæг къорд дæр нæ айста.
«Ройтер» фыссы, цæмæй фæстаг цалдæр къуырийы дæргъы, Афгъанистаны хицауады æмæ «талибаны» æхсæн цæугæ бадзырдты фоныл Афгъанистаны ахæм стындтæ фæарæх сты.