Афгъанистаны срæмыгъды амæттагæй  фестадысты æртæ  адæймаг
Афгъанистаны срæмыгъды амæттагæй фестадысты æртæ адæймаг

Афгъанистаны  сахар Хейраты   срæмыгъд æрцыд.   Цауы фæстиуæгæн фæхъуыд  æртæ   адæймаг.  Фæцæф сты  ноджы 24  гоймаджы.

Барадхъахъъхæнджыты  фидиуæнæй,   рæмудзæн гарзæг къухæй арызт уыд зæгъгæ.  Бырстыл бæрн  йæхимæ нырма ничи райста.

Хуыцаубоны  стынд æрцыд Кабулы дæр.   Бырсты  мысан уыдысты  телекомпани  «Куршиды»  кусджытæ.

Инциденты амæттаг  фестадысты   автобусы  тæрæг  æмæ  сæмбæлгæ  фæндагон, 25  адæймаг  æндæр æмæ æндæр зиæнттæ  райстой.