Кабулы стынды  аххосæй  фараст  адæймаг амард
Кабулы стынды аххосæй фараст адæймаг амард

Кабулы стынды  аххосæй  фараст  адæймаг амард. Фæцæф сты  20  гоймаг,сæ  нымæцы  сылгоймæгтæ æмæ   сывæллæттæ. Информаци  хъусын кæны  «Ройтер».

Рауагъдады  хъусинагæй,   стынды  нысан уыдис   афгъанистайнаг    парламентар  Хан Мохамед  Вардак,  кæцы  аирвæзтис.

Срæмыгъдыл бæрн  йæхим нырма  иунæг къорд  дæр нæ айста.

«Ройтер» фыссы,  цæмæй  фæстаг цалдæр къуырийы дæргъы,  Афгъанистаны  хицауады æмæ «талибаны» æхсæн  цæугæ бадзырдты фоныл  Афгъанистаны   ахæм стындтæ  фæарæх сты.