Кабулы  автомобилы  срæмыгъды  фæстиуæгæн 12  адæймаг фæхъуыд
Кабулы автомобилы срæмыгъды фæстиуæгæн 12 адæймаг фæхъуыд

Афгъанистаны   сæйраг сахар Кабулы  автомобилы  стынды   фæстиуæгæн   12   адæймаг фæхъуыд.  «Ройтеры» информацийæ,  стынды  фæстиуæгæн   20  адæймаг фæцæф ис.

Рæмудзæн  гарзæгæй  ифтыгъд  хæдтулгæ  Кабулы  центры,  хицауадон  уагдæтты æмæ фæсарæйнаг  æнæхицауадон организациты  бæстыхæйтты  цур  стыдта.

Æвдисæнты   фидиуæнæй,  бырст  æнхъæлцау,  бæстæйы  мидхъуыддæгты министрады æххуырст фæсарæйнаг эксперты  ныхмæ  уыд,  уымæн æмæ  федтой, цæмæй  рæмудзæн  гарзæгтæй  едзаг   автомобл  экспертты автоколоннæйы æрдæм  фæцæйцыд.   Стынды  уылæн  бæстыхæйтты  æвгтæ   100  метры радиусы  ныцъцъæл кодта.

Афгъанистаны   мидхъуыддæгты министрад  бæлвырд кæны, цæмæй сæ мысан автомобилтæ  уыдысты канадайаг  æдадсзинады къабазы  архайæг  компанийы  сæрмагонд æмæ  срæмыгъды  фæстиуæгæн    йæ   цыппар  кусæг фæцæф сты.

Бырстлы  бæрн  йæхимæ нырма   иунæг   æфсæддон   къорд дæр нæ райста.