Хъырымы æрцыд цалдæр срæмыгъды
Хъырымы æрцыд цалдæр срæмыгъды

16-æм майы æхсæв æмæ райсом Хъырымы æрцыд цалдæр срæмыгъды.

Украинаг медийы информацимæ гæсгæ, Уæрæсейы оккупацион тыхты нысаниуæгджын æфсæддон объекттыл бабырст сырæзт.

Информацимæ гæсгæ, горæт Севастополы 06:15 сахатыл тыхджын срæмыгъд æрцыд. Уæрæсейы уæлдæфон хъахъхъæнынады системæ куыста Нахимовы номыл Севастополы денджызон училищæйы территорийæ.

Белбек æмæ Качъайы аэродромты цур дæр срæмыгъдтæ æрцыд.

Уымæй дарддæр ма срæмыгъдтæ æрцыд Перевальноейы, цыран Уæрæсейы Сау Денджызы флоты 126-æм хицæн былгæрон хъахъхъæнынады бригад ис. Ис ахæм хъусинæгтæ, цæмæй Перевалоны хæцæнгæрзты æвæрæн судзы æмæ срæмыгъд кæны.