Украинайы  æфсæддон рагысгарæг куысты бæлвырд кæнынц, цæмæй Хъырымыл бырсты рæстæджы Уæрæсейы денджызон объекттæ ныццавдтой
Украинайы æфсæддон рагысгарæг куысты бæлвырд кæнынц, цæмæй Хъырымыл бырсты рæстæджы Уæрæсейы денджызон объекттæ ныццавдтой

Украинайы  хъусын кæнынц, цæмæй Хъырыммæ бырсты  рæстæджы, Уæрæсейы денджызон объектты ныххафдзæн. Уый фæдыл  Украинайы æфсæддон   рагысгарæг куысты  минæвар,  Андрей Юсов «Ройтерæн» фехъусын кодта.

Йæ дзырдæй, зæгъгæ Хъырымы  горæт Севастополы ныццавдтой Уæрæсейы  денджызон  объектты æмæ  порты  инфраструктурæ, цæмæй  дæр бахахх кодтой Киевы   ракетон фæрæзтæ  кæй  тынгдæр кæнынц уый.

«Мах бæлвырд  равдыстам, цæмæй  стыр десантон   нау  æмæ  дæлдон нау  хафты объектæй фестадысты. Комментари нæ аразæм хафты  рæстæджы цы хæстæрмæг уыд уый фæдыл», – загъта Украинайы  æфсæддон рагысгарæг куысты минæвар Андрей  Юсов  «Ройтерæн».

Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады  фидиуæны  куыд дзырдæуы   афтæмæй,   Украина  цыппæрæмы  боныцъæхыл  бырст сыххæст  кодта   Сау денджызы науамайæг  заводмæ  10 круизон  ракетæйæ æмæ æртæ   тагъдцæуæн науæй, цæй фæстиуæгæн базиан ис дыууæ нау.

«Уый æцæгдæр сеппæтæй  егъау  бырст у Севастополмæ  хæст райдаыны фæстæ», – райхъусын кодта  Украинайы денджызон тыхты  раздæры капитан  Андрей Риженко  «Ройтерæн».

Медиа куыд фыссы  афтæмæй,  бæрæг нæу,  цы типы  ракетæйæ  спайда кодтой Киевы бырсты   рæстæджы, фæлæ украинаг  æфсæддæттæ   æнахуыр къахдзæф сарызтой æмæ   бырстыл бæрн æргомæй  райстой сæхимæ.

Абон   сæумæрайсом  Севастополы  оккупацион хицауадыл æнцойæ,  медиа  ахæлиу кодта  информаци, цæмæй  анексиргонд  Севастополы, Серго Орджоникидзейы  номыл   науамайæг   заводы ракетон  бырст  сыххæст ис.