Луганскъы полицийы раздæры хистæр Юрий Покинборода Михеил Саакашвилийы ахсты фæдын ныхас кæны. Йæ ныхæстæм гæсгæ, бæрæг тыхты фæнды Саакашвилийы ахсты хъуыжддаджы йе фсон фæкæнын – уый фæдыл информацийы хæлиу æны украинаг рауагъдад «hromadske.ua».
Уæвæг информацийæ, Одессæйы раздæры губернаторы растдæр Юрий Покинбородайы фатеры æрцахстой.
Юрий Покинборода ахæлиу кодта видео-сидт, кæцыйы мидæг дзуры, цæмæй Саакашвилиимæ иумæ уый дæр хъуамæ рæцахстаиккой, фæлæ афтæ не æрцыд зæгъгæ.
«Михаил Саакашвилиимæ иумæ мæн дæр хъуамæ æрцахстаиккойы, фæлæ афтæ не æрцыд, æрмæст джигулы протокол ныффыстой. Бæрæг уæнгты фæнды, цæмæй Саакашвилийы ахсты хъуыддаг ме фсон фæкæной, фæлæ уый афтæ нæу. Æз æй нæ банымыгъдтон аполицимæ» – хъусын кæны Покинборода.
Михеил Саакашвилийы æхсæвы рæгмæ æрцахстой. Ацы рæстæгмæ уый уæвы развæлгъау ахсты изоляторы. Адвокат куыд райхъусын кодта афтæмæй, Саакашвили ахæстоны райдыдтæ нæхæргæ акци.
Одессæйы бæстæйы раздæры губернаторæн æфхæрд хъуамæ стæрхон кæной 72 сахатмæ. Украинæйы прокуратурæ уымæн мидахсты стæрхон кæнын домы. Медийы хъусинагæй, Михеил Саакашвилийы Украинæйы националон полицийы иуæй-иу департаменты хистæры хæдзары æрцахстой.