Юлия Тимошенко - Бирæ хатт фæрæдыдыстæм, сывзæрстам кланон системæйы лидерты æмæ марионетты, ныр нын рæдыды рæстæг нал ис
Партий «Батькивщинайы» лидер Юлия Тимошенко хъусын кæны, цæмæй йæ бал цæттæ у, Сæйраг Радайы куыстмæ æнæаргъæвгæйæ æрывнала, фæлæ йæхи аиуварс кодта дзуаппæй фарстыл, зæгъгæ цæттæ у æви нæ суа Украинайы премьерæй.
Киевæй Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы корреспондент куыд хъусын кæны афтæмæй, уый фæдыл Юлиа Тимошенко æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытыл хъæлæскæныны фæстæ райхъусын кодта.
Юлия Тимошенко æмбæстæгтæм æрсидтис, æвзæрстытæм бацæуын.
Уый афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй ныр Украинайæн нал ис рæстæг радон хатт фæрæдийын.
«Алчи стæм оптимистонæй. Ныфс нæм ис, цæмæй нæ царды алцыппæт хузыдæры æрдæм æрцæудзæн ивд. Уыцы бюллетентæ, кæцыты мах алчи æппарæм æвзарæнон асыккы, не сты бюллетентæ партийæн кæнæ депутатæн. Ацы бюллетентæ сты нæ царды, нæ хъæбулты цардæн. Сымах хорз щонут Украинайы историй. Бирæ хатт фæрæдыдыстæм, сывзæрстам кланон системæйы лидерты æмæ марионетты, ныр нын рæдыды рæстæг нал ис» – райхъусын кодта Юлия Тимошенко.
Украинайы абон æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстытæ цæуынц. Æвзæрстыты хайад исынц 22 патийы, кæцыты партион номхыгъдты 2 747 кандидат ис. Иумандатджын мажоритарон бæстæты æдæппæт 3 083 кандидат æппары хал. Уыдонæй æрдæг бархийæ исынц хайад æвзæрстыты.
Развæлгъау прогнозæйфарстæм æрсидты Радамæ бацæудзысты фондз партийæ. Фаворит Украинайы президенты Владимир Зеленскийы партий «Слуга Народу» у, дыккаг бынатыл та, ис Виктор Медведчукы «Оппозицион платформæ царæдн», кæцыйæн æвзæрстгæнджыты 12 процент хæцы йæ фарс. Радамæ афтæдæр бацæудзысты Украинайы раздæры президленты Петро Порошенкойы партий «Европаг Солидарондзинад», Юлия Тимошенкойы «Батькивщина» æмæ рокмузыкант Святослав Вакарчукы «Голос».
Радайы æмгъуыдагъоммæ æвзæрстыты развæлгъау фæстиуджытæ изæры фæбæрæг уыдзысты. Эгзитполты фæстиуджытæ бæрæг суыдзысты 21 июлы изæр.
Фарастæм æрсидты Радайы фыццаг рабадт 9 сентябры онг хъуамæ сырæза.
Украинайы цæугæ æмгъуыдагъоммæ парламентон æвзæрстыты, Гуырдзыстоны Фыццаг КЪаналы исæг къорд срухс кæндзæн.