Эрик Хогг - Ног телтæй æмбондтæ, цæрджыты кæрæдзийæ фылдæр хицæн кæнынц
Евроцæдисы цæстдарæг миссийы къухдариуæггæнæг Эрик Хогг, Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттимæ иумæ Гугутъианткаримæ ныццыд. Уый фæдыл Эрик Хогг социалон хызаг «Твиттеры» фыссы.
«Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдæрттимæ иумæ æз дæр баиу дæн Евроцæдисы цæстдарæг миссимæ, кæцы патрул кодта ацы сæумæрайсом Гугутъианткарийы цур административо н арæйнон хаххыл «бордеризацимæ» цæст бадарынæн. Ног телтæй æмблондтæ ноджы фылдæр дих кæнынц цæрджыты уæрæдзийæ. Ацы фарстайы афтæдæр æркæсдзыстæм инцидентты маруадзыны æмæ сыл реагиркæныны фембæлды фæлгæтты» – фыссы Эрик Хогг.
Социалон хызаг «Твиттеры» фидиуæны хæлиу кæны æхсæнадæмон дискусситы æмсæрдар Тоиво Клаар дæр.
«Бузныг Евроцæдисы цæстдарæг миссийы балæн æмæ миссийы къухдариуæггæнæгæн, Эрик Хоггæн. Гугутъиантккаримæ базонгæйы равгы визиты тыххæй. Телтæй æмбондтæ дих кæнынц цæрджыты æмæ æвзæрын кæнынц зындзинадæтæ. «Бордеризацийы» райсын гæнæн нæй» – фыссы Тоиво Клаар.