Эрик Хогг -  Ног телтæй æмбондтæ, цæрджыты кæрæдзийæ фылдæр хицæн кæнынц
Эрик Хогг - Ног телтæй æмбондтæ, цæрджыты кæрæдзийæ фылдæр хицæн кæнынц

Евроцæдисы цæстдарæг  миссийы  къухдариуæггæнæг  Эрик Хогг, Женевæйы  æхсæнадæмон дискусситы  æмсæрдæрттимæ иумæ  Гугутъианткаримæ ныццыд.   Уый фæдыл  Эрик Хогг социалон хызаг «Твиттеры»  фыссы.

«Женевæйы  æхсæнадæмон дискусситы  æмсæрдæрттимæ иумæ  æз дæр баиу  дæн Евроцæдисы  цæстдарæг миссимæ, кæцы патрул кодта  ацы  сæумæрайсом  Гугутъианткарийы цур административо н арæйнон хаххыл  «бордеризацимæ» цæст бадарынæн. Ног телтæй  æмблондтæ  ноджы фылдæр дих кæнынц  цæрджыты уæрæдзийæ.  Ацы фарстайы   афтæдæр æркæсдзыстæм  инцидентты  маруадзыны  æмæ сыл реагиркæныны   фембæлды фæлгæтты» – фыссы  Эрик Хогг.

Социалон хызаг  «Твиттеры»  фидиуæны хæлиу кæны æхсæнадæмон дискусситы  æмсæрдар Тоиво Клаар дæр.

«Бузныг  Евроцæдисы  цæстдарæг  миссийы  балæн æмæ миссийы  къухдариуæггæнæгæн, Эрик Хоггæн.  Гугутъиантккаримæ  базонгæйы равгы  визиты тыххæй.   Телтæй æмбондтæ  дих кæнынц   цæрджыты  æмæ æвзæрын кæнынц зындзинадæтæ. «Бордеризацийы»  райсын гæнæн нæй» – фыссы   Тоиво Клаар.