Эргнеты фембæлдты оккупацигонд Цхинвалы а.х. делегацийæн Джиоты Мурæты бæсты «разамынд» кæндзæн Егор Кочиев
Оккупацигонд Цхинвалы де-факто хицауады скуыддзагæй, инцидентты маруадзыны æмæ сыл реагиргæнæг механизмты фæлгæтты уагъд фембæлдтыл Эргнеты, сæ минæвар уыдзæн Егор Кочиев – уый фæдыл информацийы хæлиу кæны бынæттон медиа-фæрæз «РЕС».
Рауагъдады информацийæ, Егор Кочиев снысан ис а.х постконфликтон уавæры æрбиноныгы фарстыты де-факто президенты политикон минæвары хæдивæгæй. Сæ информацийæ, Кочиев оккупацигонд Цхинвалы регионы хæдрасидт Днестргæрон а.х. официалон минæвар уыдис 1992 – 2005 азты та, оккупацигонд Цхинвалы регионы де-факто мидхъуыддæгты министрады куыста.
Эргнеты уагъд фембæлдты, «къадрон ивдтыты» размæ, де-факто хицауады минæвар Джиоты Мурæт иста хайад, кæцы а.х. постконфликтон уавæры аскуыддзагы фарстыты де-факто президенты политикон минæвар уыдис æмæ ацы «мандатæй» Женевæйы бадзырдты дæр иста хайад.