Энтонри Блинкен Сомихыстон æмæ Азербайджанмæ хæстон архæйдтытæ æнæаргъавгæйæ бауромынмæ сиды
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Энтони Блинкен Сомихыстон æмæ Азербайджанмæ æрсидтис æнæаргъæвгæйæ бауромой хæстон архæйдтытæ. Уый фæдыл дзырдæуы Энтони Блинкены фидиуæны, кæцыйы публикаци кæны паддзахадон департамент.
«АИШ сагъæс кæны Сомихыстон-Азербайджаны арæныл тохæмбæлдты фæдыл хъусинæгты тыххæй, уый нымæцы Сомихыстоны мидæгæй цæрæн рæтты æмæ æмбæстагон инфраструктурæйы ныхмæ хафтыты фæдыл информацийы тыххæй. Стыр рæстæг размæ куыд райхъусын кодтам афтæмæй, конфликты æфсæддон фæндагæй аскуыддзаг кæнын гæнæн нæй. Курæм кæцыфæнды хæстон архайдтытæ æнæаргъæвгæйæ бауромын», – дзырдæуы фидиуæны.
Сомихыстон Азербайджаны арæйнон районы интенсивон æхсты баконды аххосджын кæны, Баку та Ереваны масштабон провокацийы зылынджын кæны.