Энтони Блинкен -  Украина Херсон кæй  ссæрибар кодта, уымæй  ноджы иу  хатт бæлвырд разынд украинаг  æфсæдды æмæ украинаг адæмы  хъæбатырдзинад
Энтони Блинкен - Украина Херсон кæй ссæрибар кодта, уымæй ноджы иу хатт бæлвырд разынд украинаг æфсæдды æмæ украинаг адæмы хъæбатырдзинад

АИШ-ы  паддзахадон   нымæрдары  фидиуæнæй, зæгъгæ Украина Зерсон кæй  ссæрибар кодта,  уымæй  ноджы иу  хатт бæлвырд у  Украинаг æфсæдды æмæ адæмы хъæбатырдзинад.

Уый фæдыл  фидиуæн Энтони Блинкен   Украинаг   коолегæимæ  Камбоджайы, хуссар-скæсæн  Азийы   бæстæты  саммитыл   уагъд фембæлды рæстæджы сарызта.

Йæ дзырдæй  зæгъгæ   Херсоны ссæрибар кæнынæй  афтæдæр бæрæг у  уыцы  æххуысы  нысаниуæг, кæцы АИШ-æй æмæ дунейы æндæр бæстæтæй  Украинамæ цæуы  Уæрæсейы агрессийы ныхмæ  хæцынæн.

Блинкены  фидиуæнæй,  Киевы  æфсæддон гуманитарон  æмæ  экономикон   æххуыс адарддæр уыдзæн, цалынмæ  бахъæудзæн уæдмæ.

АИШ-ы паддзахадон нымæрдар  афтæдæр  скритикæ кодта  Уæрæсейы  æфсæддæтты стратеги, кæцытæ  Украинайы   æмбæстагон  æмæ уый  нымæцы энергетикон   инфраструктурæ  куынæг кæнынц.

Йæхи æрдгæй Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр раарфæ кодта  Байдены администрацийæн  æмæ  америкаг адæмæн  Укринайæн æххуысы тыххæй.

Афтæма йæ  дзырдæй,   зæгъгæ Украинайæн  сæрмагонд территоритæй  уырыссæгты феддæдуар кæнын  йæ  бон  бауыдзæн АИШ-имæ иумæ.  Кулебайы  дзырдæй зæгъгæ уалахидзинад  хæстæг у  æмæ ацы уæлахиздзинад  алы сабырадуарзаг   нацийы  уæлахиздзинад уыдзæн.