Йенс Столтенберг – Уæрæсейы агрессийы дзуаппæн НАТО-мæ ис дыууæ рарды, Украинайæн баххуыс кæнын æмæ хæсты дарддæры эскалаци маруадзын
НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенбергы фидиуæнæй, зæгъгæ Путины хæст ныппырх Украинайы кодта сабырдзинад æппæт Европæйы. Столтенбергы дзырдæй, зæгъгæ уый æцæгдæр фæсæттæн момент у æнæрмæст Европæйы æдасдзинадæн, фæлæ ма глобалон сæрфадæн.
Йенс Столтенберг дзуры, цæмæй НАТО-мæ ис дыууæ фундаментон рард Уæрæсейы агрессийы дзуаппæн – Украинаæн баххуыс кæнын æмæ хæсты эскалацийæ хибахизын.
Столтенбергы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Уæрæсейы Украинамæ бырст, кæцыйы Мæскуы архайы æфсæддон тыхæй цæмæй баххæсса политикон нысæнттæм, азты дæргъы цæттæ кодта.
«Грозныйы скуынæг, Гуырдзыстонмæ бырст, Хъырымы анекси, Алеппойы бомбæкалд æмæ ныр Украинайы хæст. 2014 азы Украинамæ фыццаг бырсты фæстæ, НАТО бацæттæ ис, хъахъхъæнынады харздтæ фылдæргæнгæйæ æмæ нырыккон фæрæзты инвестицитæ æвæргæйæ. Историйы фыццаг хатт мах арвыстам хæсттон цæттæдзинады режимы уæвæгы тыхтæ хурыскæсæны флангмæ, сбæрзонддæр кодтам нæ тыхты цæттæдзинад. Уæрæсе цæугæ азы та ногæй куы ныббырста Украинамæ, НАТО уыд цæттæ. Арвыстам уæлæмхас тыхтæ альянсы хуырсыкæсæнмæ æмæ ныр нын ис 40 мин æфсæддон НАТО-йы дæлбар, кæцытæ ивтонггонд сты нысаниуæгджын уæлдæфон æмæ денджызон æххуысæй. Фæдывæр кодтам бирæнацион хæстон балтæ Балтигæронæй Сау денджызы онг æмæ нын ис 100 мин æфсæддон бæрзонд хæстон цæттæдзинады режимы, кæцытæ цæттæ сты реагиркæнынмæ кæцыфнды агрессийыл æмæ бахъахъъхæнын НАТО-йы территорийыл алкæцы сегмент. Уый у фæурæдæн, цæмæй маруадзæм цыæнды æндæмбарындзинад Уый нæу конфликты провоциркæнынæн фæлæ у уый маруадзынæн æмæ сабырдзинад бахъахъхъæнынæн» – банысан кодта Йенс Столтенберг.
Уыимæ, Стотенберг загъта, цæмæй Европæйы æдасдзинад уыдзæн фидар, нæкæсгæ тыхдзинады æвзагæй дзырды, тасы æфтауыны æмæ рæтхъирæнтæм æмæ уый дырыс демонстраци у Швеци æмæ ФЯИнляндийы куырдиат альянсы уæнгсуæвыны фæдыл.
«Ивгъуыд декабры президент Путин НАТО-йæн бавдыста ультиматум æмæ æрдомтта юридикон бадзырд, цæмæй ногæй рафыстаит æдасдзинады архитектурæ Европæйы, сæрæй сфидар кодтаит æндæвдады сферæтæ, тыхбын скодтаит НАТО, рацыдиат альянсы хурыскæсæн флангæй æмæ баурæдтаит НАТО-йы ауæрæх. Фæндыд æй къаддæр НАТО йæ арæнтæм хæстæг æмæ райдыдта хæст. Ныр та уый райста фылдæр НАТО йæ арæнгæрон. Финлянди æмæ Швецийы куырдиат альянсы уæнгдзинады фæдыл, историон у. Уымæй бæрæг у, цæмæй Европæйы æдасдзинад уыдзæн фидар, нæкæсгæ тыхдзинад æмæ тасы æфтауынмæ. Алы æмцæдисон разы сты, цæмæй НАТО-йы ауæрæх æнтыстджын у. Уырнæг дæн, цæмæй НАТО ссардзæни фæндаг, цæмæй баххæсса алы æмцæдисон æдадсзинады фарстатæм æмæ райсдзæн НАТО-йы ног æмцæдисонты нæ бинонтæм» – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.