Йенс Столтенберг – Уæрæсейы агрессийы дзуаппæн НАТО-мæ ис дыууæ рарды, Украинайæн  баххуыс кæнын æмæ хæсты дарддæры эскалаци маруадзын
Йенс Столтенберг – Уæрæсейы агрессийы дзуаппæн НАТО-мæ ис дыууæ рарды, Украинайæн баххуыс кæнын æмæ хæсты дарддæры эскалаци маруадзын

НАТО-ы  генералон нымæрдар Йенс Столтенбергы  фидиуæнæй,  зæгъгæ Путины хæст ныппырх Украинайы кодта  сабырдзинад æппæт Европæйы.  Столтенбергы дзырдæй,  зæгъгæ уый æцæгдæр   фæсæттæн момент у  æнæрмæст Европæйы æдасдзинадæн, фæлæ  ма  глобалон  сæрфадæн.

Йенс Столтенберг дзуры, цæмæй НАТО-мæ ис  дыууæ  фундаментон   рард Уæрæсейы агрессийы дзуаппæн – Украинаæн баххуыс кæнын æмæ хæсты эскалацийæ хибахизын.

Столтенбергы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Уæрæсейы  Украинамæ  бырст, кæцыйы Мæскуы  архайы æфсæддон тыхæй  цæмæй  баххæсса  политикон нысæнттæм, азты  дæргъы  цæттæ кодта.

«Грозныйы  скуынæг, Гуырдзыстонмæ бырст, Хъырымы анекси, Алеппойы  бомбæкалд æмæ  ныр Украинайы  хæст. 2014 азы  Украинамæ  фыццаг бырсты  фæстæ, НАТО бацæттæ ис, хъахъхъæнынады харздтæ фылдæргæнгæйæ  æмæ нырыккон фæрæзты  инвестицитæ æвæргæйæ.  Историйы фыццаг  хатт мах  арвыстам хæсттон цæттæдзинады режимы уæвæгы  тыхтæ  хурыскæсæны  флангмæ,   сбæрзонддæр кодтам нæ тыхты  цæттæдзинад. Уæрæсе цæугæ азы  та ногæй  куы  ныббырста Украинамæ, НАТО уыд цæттæ.  Арвыстам уæлæмхас  тыхтæ  альянсы хуырсыкæсæнмæ æмæ   ныр  нын ис  40 мин æфсæддон НАТО-йы  дæлбар, кæцытæ  ивтонггонд сты нысаниуæгджын уæлдæфон æмæ    денджызон  æххуысæй.  Фæдывæр кодтам    бирæнацион   хæстон балтæ  Балтигæронæй Сау денджызы онг  æмæ нын ис  100 мин  æфсæддон бæрзонд хæстон цæттæдзинады режимы, кæцытæ  цæттæ сты  реагиркæнынмæ  кæцыфнды агрессийыл  æмæ  бахъахъъхæнын НАТО-йы  территорийыл  алкæцы  сегмент.  Уый у  фæурæдæн, цæмæй  маруадзæм  цыæнды  æндæмбарындзинад  Уый нæу  конфликты провоциркæнынæн фæлæ у   уый  маруадзынæн  æмæ  сабырдзинад  бахъахъхъæнынæн» – банысан кодта Йенс Столтенберг.

Уыимæ, Стотенберг загъта, цæмæй Европæйы æдасдзинад уыдзæн фидар, нæкæсгæ    тыхдзинады æвзагæй дзырды,  тасы æфтауыны æмæ  рæтхъирæнтæм æмæ уый  дырыс  демонстраци у  Швеци æмæ ФЯИнляндийы  куырдиат альянсы  уæнгсуæвыны фæдыл.

«Ивгъуыд  декабры президент Путин  НАТО-йæн бавдыста ультиматум  æмæ   æрдомтта  юридикон бадзырд, цæмæй  ногæй рафыстаит  æдасдзинады  архитектурæ  Европæйы, сæрæй  сфидар кодтаит æндæвдады  сферæтæ,  тыхбын скодтаит НАТО,  рацыдиат  альянсы  хурыскæсæн флангæй  æмæ  баурæдтаит НАТО-йы  ауæрæх.  Фæндыд æй  къаддæр НАТО йæ арæнтæм хæстæг æмæ райдыдта  хæст.  Ныр та  уый  райста фылдæр НАТО йæ арæнгæрон. Финлянди  æмæ Швецийы куырдиат  альянсы  уæнгдзинады фæдыл, историон у.  Уымæй  бæрæг у, цæмæй Европæйы æдасдзинад уыдзæн фидар,  нæкæсгæ тыхдзинад æмæ  тасы æфтауынмæ.  Алы æмцæдисон разы сты, цæмæй  НАТО-йы ауæрæх  æнтыстджын у.  Уырнæг дæн, цæмæй  НАТО ссардзæни фæндаг, цæмæй  баххæсса  алы  æмцæдисон æдадсзинады  фарстатæм  æмæ  райсдзæн НАТО-йы ног æмцæдисонты  нæ бинонтæм» –  райхъусын кодта Йенс Столтенберг.