Йенс Столтенберг – хъахъхъæнынадмæ инвестирдзинадæй æмæ Украинайæн æххуысæй НАТО-ы æмцæдисонты сабырдзинад сифтонг кæнынæй дарддæр нын æндæр вариант нал баззадис
Уазыл хæсты фæуды фæстæ ныгуылæны бæстæты уырныдта цæймæ Уæрæсеимæ партнерон ахастытæ саразын ис гæнæн, фæлæ Уæрæсе ацы фæндаг нæсывзæрста, – уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг европарламнты æддæ ахастыты комитеты рабадтыл дзырдæй ралæуды рæстæджы райхъусын кодта.
Столтенбергы дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсе аскуыддзаг кодта сыхæгты контроль кæнын, бацархайдта æндæвдады сферæты сæндидзын кæнын, дзырдта, цæмæй НАТо-ы уæнгсуæвыны фæдыл бæстæты уынаффæ у провокаци.
«Уый нæу провокаци, уый у алы бæстæйы демократон, суверенон бар, йæхæдæг сывзара йæ фæндаг. Афтæ нын уыдис Гуырдзыстон 2008 азы, Хъырым 2014 азы æмæ егъаумасштабон интервенци 2022 азы. Уый тыххæй нын æндæр вариант нал ис, æрмæст хъахъхъæнынады сферæмæ инвестирдзинад æмæ Украинайæн æххуысгæнгæйæ НАТО-йы æмцæдисонты сабырдзинад сифтонг кæнын, уымæн æмæ президент путин куы фæуæлахиз уа Украинайы, уый уыдзæн трагеди украинæгтæн, афтæма стыр тас махæн.
Уый у сигнал авторитар лидертæм, цæмæй æфсæддон тыхы фæрцы фæндон нысанмæ баххæссын ис гæнæн. Афтæмæй, кæй æдасдзинады интерестæм цæуы Украинайæн баххуыс кæнын æмæ арфæгæнæг дæр уыцы æххуысы тыххæй, кæцыйы Евроцæдисы æмæ НАТО-ы уæнг бæстæтæ дæттынц Украинайæн», – банысан кодта Йенс Столтенберг.