Йенс Столтенберг - Æрмæст НАТО-ы уæнгты æмæ Гуырдзыстоны аскуыддзаг кæнинаг уый, кæд суыдзæн Гуырдызстон альянсы уæнг,, Уæрæсемæ нæй бар ацы процессы исты хуызæй баиу уа
Æрмæст НАТО-ы уæнгты æмæ Гуырдзыстоны аскуыддзаг кæнинаг уый, кæд суыдзæн Гуырдзыстон альянсы уæнг, Уæрæсемæ нæй бар ацы процессы исты хуызæй баиу уа, – уый фæдыл цæгат-атлантикон альянсы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг пресс-конференцийыл, Фыццаг Къаналы фарстайы дзуаппæн загъта.
Фыццаг Къанал бацимидис кодта, цæмæй цы фарстатæ кæсынц НАТО-Гуырдзыстоны камисы æмæ цы ногдзинад уыдзæн рабадтыл Гуырдзыстонæн. Афтæдæр Фыццаг Къанал бацымидис кодта Столтенбергы реакцийæ уыцы темæйыл, цæмæй Мæскуыйæ зæгъгæ арæх хъуысынц фидиуæнтæ НАТО-ы ауæрæх кæныны, Гуырдзыстоны альянсы фидæн азы уæнгдзинады ныхмæ.
«Мах кæсæм Гуырдзыстонимæ партнерады фарста, ранæуæггонд информацийы НАТО-ы уæнгмæ дæттæм, цæмæй кæм стæм. НАТО-йы уæнг бæстæтæ дарддæр кæнынц хайбавæрдтæ æндæр æмæ æндæр программæты, кæцыты Гуырдзыстонимæ иумæ æххæст кæнæм. Сæрмагондæй уый æххæссы НАТО-Гуырдзыстоны иуæмæйаг ахуырты æмæ аргълæвæрды центрмæ, иумæйаг ахуыртæм.
Мах афтæдæр райгонд стæм уыцы æххуыс æмæ хайбавæрдæй, кæцыйы Гуырдзыстон æххæст кæны НАТО-ы опреациты. Гуырдзыстон у иуæй-иу сеппæтæй стыр контрибьютор, сæрмагондæй та Афгъанистаны. Мах афтæдæр æркæсæм уыцы сидтытæ, кæцытæ нын ис Сау денджызы регионы, сæрмагондæй Хъырмы. Фæуынаффæ кæндзыстæм, цæмæй куыд хъуамæ бакусæм Сау Денджызы æдасдзинадæн. Адон сты фарстатæ кæцытыл мах фæуынаффæ кæндзыстæм НАТО-Гуырдзыстоны камисы рабадтыл»,- райхъусын кодта Йенс Столтенберг.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, НАТО баххуыс кæндзæн Гуырдзыстонæн æдасдзинады секторы реформæты фæтынгдæр кæныны.
Райгонд стæм Гуырдзыстоны уагъд реформæтæй æмæ баххуыс кæндзыстæм Гуырдзыстонæн æдасдзинады къабазы реформæты сæххæсты хъуыддаджы. Цыдæриддæр та Уæрæсемæ æмæ альянсы ауæрæх кæнынмæ æххæссы, НАТО-йы лидертæ июлы мæйы равдыстой иузæрдыгдзинад уыцы фыццаг уынаффæйы æрдæм, кæцыйы рахастой Бухаресты 2008- æм азы, ома Гуырдзыстон æнæмнгæй суыдзæн НАТО-йы уæнг. Мах рафæлхатт кодтам ацы уынаффæ июлы саммитыл дæр. Æрмæст НАТО-ы уæнгты æмæ Гуырдзыстоны аскуыддзаг кæнинаг у, кæд æрцæудзæн ай. Иунæг æндæр бæстæмæ, сæ нымæцы нæдæр Уæрæсемæ ис бар, ацы процесс хифæкæнын бацархайа.
Гуырдзыстон у хæдбар, суверенон паддзахад. Йæ фарс хæцæм Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн. Никуы банымайдзыстæм «Хуссар Ирыстоны» æмæ Абхазы хæдбардзинад. Адарддæр кæндзыстæм Гуырдзыстонæн æнцой дарын НАТО-йы уæнгсуæвыны æрдæм фæндагыл», – райхъусын кодта Йенс СТолтенберг.