Эммануэл Макрон рацыд инициативæйæ, сырæзæт ног альянс, кæцыйы баиу уыдзысты Евроцæдисы æддæ бæстæтæ, сæ нымæцы Украина æмæ Британи
Францы президент Эммануэл Макрон хъусын кæны, цæмæй разы у ног типы «политикон Европаг æмгарады» саразынимæ, кæцы Евроцæдисы æддæ уæвæг бæстæтæн, уый нымæцы Украина æмæ Бритарийæн ратдзæнг фадат, баиу уæд сæйраг европаг аргъдзинæдтæм.
Страсбургы, Европарламенты дзырдæй ралæуды рæстæджы, Макрон йæ дыккаг æмгъуыдæй президентæй сывзарын, схуыдта сигналæй, цæмæй фарнцæгты хъæуы фылдæр Европæ.
Афтæма Макрон банысан кодта,ц æмæй украинагæты фæндонæн блокы уæнгсуæвыны фæдыл, цалдæр аз бахъæудзæни æмæ уый фæстиуæгæн хъæуы цыбырæмгъуыдмæ перспетиаæйы бæрæг ныфс раттын.
«Украина йæ тохæй æмæ æндиуддзинадæй нырид у Европæйы, нæ бинонты, нæ цæдисы æргомзæрдæ уæнг. Уымæн тæккæ райсом куы ратдзыстæм кандидаты статус, йеуæддæр алчи дзæбæх зонæм, цæмæй уæнгсуæвыны процессæн азтæ бахъæудзæнис» – загъта Макрон.
Уый бæсты, цæмæй евроцдæис уæнгсуæвыны стандарттæ фæныллæгдæр кæна, Макрон рацыд инициативæйæ, сырæза параллелон иуæг, кæцы ахæлиу уыдзæн бæстæтыл кæцытæ тырнынц уæнгсуæвынмæ кæнæ бæстæтæм, кæцытæ ныууагъдтой блок, дæнцæн Британи.
ЙÆ дзырдæй, Европаг политикон æхсæнад гом уыдзæнис демократон европаг бæстæтæн, кæцытæ æххæст кæнынц европаг аргъинæдтæ ахæм сферæты, цахæмдæр сты политикон æмгуыстад, æдадсзинад, энергетикæйы æрдгæй æмгуыстад, транспорт, инвестицитæ.