Саломэ Зурабишвили – саразæм фидæны харти – «Иудзинады Платформæ Европæйы тыххæй»
Саломэ Зурабишвили – саразæм фидæны харти – «Иудзинады Платформæ Европæйы тыххæй»

Фæдзæхсын уæ алкæй,  ауынут  æмæ банкъарут уый, цæмæй  бæстæ æмæ нæ  иттæг фæллад  æмæ алкæмæй ныфссаст  дзыллæ нал фæразы  æгæрон  фыдзæрдæдзинадæн, кæрæдзиуыл нæбадгæ  æмæ куынæггæнæг æвзæрстытæ, реваншы  æмæ фæхатыры  æгæрон  агурын – уый фæдыл   Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвили  парламенты афæдзон хыгъдлæвæрд кæсыны рæстæджы  райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ бæстæйы  хъæуы æрæнцайын æмæ хъахъхъæдад, сегасдæр сæйраг, бæстæйы фидæн фенын æмæ ацы бæстæйы  сæрмагонд перспективæты ссарын æмæ  бауырнын.

«Уый тыххæй  дæр баон ацы трибунæйæ уын æнхъарын уæвæг   къуымауæй  рацæуæны формулæ æмæ фæндаг, цæмæй ма ауадзæм нæ къухæй  ацы уникалон шанс.  Бæстæйы хъæуы иудзинад. Дзыллæйы нал уырны  æмæ йæ нал дæр фæнды, фена  æнæиухатт рацæугæ  партиты баиу кæныны схемæтæ.  Афтæдæр æй  нал уырны хицæнтæй, тоталон уæлахиздзинадыл бавдыст претензиты. Хъæуы йæ реалон нысан æмæ ацы иу нысаны алыварс  удæгас  тыхты   æрымбырд уын æмæ  энергийы мобилизаци скæнын. Нысан нын ис – Европаг фидæн, уый тыххæй  сæйраг  приоритеттыл æрныхас кæнын  хъæуы. Уымæ баххæссын гæнæн ис  иумæйаг  платформæ саразынæй.  Уый у  цы уын æнхъарын, саразæм фидæны харти – «Иудзинады Платформæ Европæйы тыххæй».  Æз цæттæ дæр, ацы платформæ  саразыны  мæхиуыл сисон бæрн  æмæ мæ админисрациимæ иумæ  байгом кæнон координацион  центр, кæцы  европаг приоритеттыл  алы  конкретон  æнхъарæны æрымбырд кæндзæн æмæ  диалогæй  æмæ консессусы уагæй  йæ къух сараздзæн  иумæйаг документы бакусынæн» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.