Ираклий Гъарибашвили  æмæ Эммануэл Макрон Елисейы  галуаны  дыууæ бæстæы æмгуыстады фарстатæ æмæ æндæр æмæ æндæр сферæты æмгуыстад фарфдæры перспективæтæ  æркастысты [фото]
Ираклий Гъарибашвили æмæ Эммануэл Макрон Елисейы галуаны дыууæ бæстæы æмгуыстады фарстатæ æмæ æндæр æмæ æндæр сферæты æмгуыстад фарфдæры перспективæтæ æркастысты [фото]

Гуырдзыстоны премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили  Францы президент Эммануэл Макронимæ фембæлдис.

Гуырдзыстоны  премьер-министры пресс-куысты  информацийæ,  хицауады сæрдарæн  Францы президент  Елисейы  галуаны сфысым кодта.

Афтæма сæ  хъусинагæй,   фембæлдыл  хъусдард здæхт уыдис  еврокомиссийы  хаст уынаффæймæ, Гуырдзыстонæн  Евроцæдисы уæнгдзинады кандидаты статус алæвæрды фæдыл  æвæрццаг рекомендаци ратта Европаг Советæн.

Хицауады сæрдар банысан кодта, цæмæй  еврокомиссийы ацы уынаффæ  историон у.  Гуырдзыстон декабры  æнхъæлмæ кæсы кандидаты статусмæ,  кæцы нæ бæстæйы европаг фидæн бæрæг кæны.  Ираклий Гъарибашвили  Эммануэл Макронæн ацы фæндагыл  æххуысы  тыххæй  раарфæ кодта, бахахх кодта  Францы, куыд Евроцæдисы  акæнæг бæстæйы,  политикон  æмæ практикон  фарсдарыны нысаниуæг æмæ  ныфс равдыста, ома уый ноджы   стынг дæр уыдзæн, кæцы  Гуырдзыстонæн йæ къух сараздзæн  æнтыстджынæй ахиза уæнгсуæвыны фæдылдзог этапмæ.

Фембæлдыл Ираклий Гъарибашвили  æмæ Эммануэл Макрон  дыууæ бæстæйы æмгуыстады фарстатыл фæуынаффæ кодтой æмæ æндæр æмæ æндæр сферæйы  æмгуыстад фæарфдæры  перспективæтæ  æркастысты.

Ныхас уыд   регионы æмæ Дунейы  уæвæг   æдасдзинады уавæрыл.

Фарсытæ  уæвæг расидтыты алыгы  фæндæгтыл  фæуынаффæ кодтой æмæ фæныхас кодтой  уыцы позитивон ролыл, кæцы Гуырдзыстонæн у йæ бон сыххæст кæна  Хуссар Кавказы  æдасдзинадæмæ стабилондзинд сфидар кæныны.

Ираклий Гъарибашвили  Эммануэл Макронæн нæ бæстæйы суверенитеты, территорион æнæхъæндзинады æмæ Гуырдзыстоны Европаг  фидæнæн хъæддых  фарсдарыны тыххæй  бузныг загъта æмæ йæ Гуырдзыстонмæ фæхуыдта.