Эммануэль Макрон – Дональд Трампы уынаффæйæ, АИШ-æ Ираны атомон бадзырдæй рацæудзæн майы
Дональд Трамп 2015 азы къухбафыст Ираны атомон бадзырдæй майы рацæудзæн – уый фæдыл Францы президент АИШ-æм визиты рæстæджы райхъусын кодта.
«НÆ зонын цы уынаффæ рахæсдзæн уæ президент, фæлæ мæнмæ гæсгæ, уый бадзырдæй рацæудзæн мидæгон аххосæй» – банысан кодта Эммануэль Макрон, Джордж Вашингтоны университеты дзырдæй ралæуды рæстæджы.
Францы президенты ныхæстæм гæсгæ, æнæкæсгæ уымæ цæмæй куыд архайдзæг Дональд Трамп, Париз бирæ уæрæхдæр бадзырдыл кусын æнæмæнгхъæугæйыл нымайы.
Макроны хъуыдымæ гæсгæ, Иранимæ ног бадзырд æнæ æрмæст атомон, фæлæ ма баллистикон программæмæ æмæ регионы уавæры стабилизацимæ дæр хъуамæ æххæсса.