Эммануэль Макрон – Дональд Трампы уынаффæйæ, АИШ-æ Ираны атомон бадзырдæй рацæудзæн майы
Эммануэль Макрон – Дональд Трампы уынаффæйæ,  АИШ-æ Ираны атомон бадзырдæй рацæудзæн майы

Дональд Трамп  2015 азы къухбафыст  Ираны   атомон бадзырдæй  майы рацæудзæн –  уый фæдыл  Францы  президент  АИШ-æм визиты рæстæджы райхъусын  кодта.

«НÆ  зонын  цы уынаффæ рахæсдзæн  уæ  президент, фæлæ мæнмæ гæсгæ,  уый  бадзырдæй рацæудзæн  мидæгон аххосæй» –  банысан кодта  Эммануэль Макрон, Джордж Вашингтоны  университеты  дзырдæй ралæуды рæстæджы.

Францы  президенты  ныхæстæм гæсгæ,   æнæкæсгæ уымæ  цæмæй  куыд архайдзæг Дональд Трамп,  Париз  бирæ уæрæхдæр  бадзырдыл  кусын  æнæмæнгхъæугæйыл нымайы.

Макроны хъуыдымæ гæсгæ,  Иранимæ  ног бадзырд  æнæ æрмæст  атомон, фæлæ ма  баллистикон   программæмæ æмæ  регионы   уавæры стабилизацимæ дæр хъуамæ æххæсса.