Эммануэль Макрон, Борис Джонсонимæ, 22 августы фембæлдзæн Брекситы тыххæй æрныхас кæнынымæ
Францы президент Эммануэль Макрон Стыр Британийы премьер-министр Борис Джонсонимæ, 22 августы, Брекситы тыххæй æрныхас кæнынымæ фембæлдзæн. Информацийы уый фæдыл агентад «Ройтер» Елисейы галуаны пресс-куыстыл æнцойæ хъусын кæны.
Францы президенты администрацийы хъусинагæй, Эммануэль Макрон æмæ Борис Джонсон фембæлдыл, афтæдæр фæныхас кæндзысты Ираны æмæ Сирийы кризисты тыххæй.
Елисейы галуаны кусæн сихоры фæстæ Эммануэль Макрон æмæ Борис Джонсон медийы раз коомментаритæ сараздзысты.
Уæдмæ 21 августы Стыр Британийы премьер-министр, фембæлдзæн Германийы канцлеримæ Ангела Меркелимæ.