Эмигранттæ, æз сымахæн азардзынæн – Ото Немсадзе гуырдзиаг эмигранттæм фарсхæцынмæ æрсидтис [видео]
Евроуынынады зарæджы 2019 азы конкурсы гуырдзиаг хайадисæг Ото Немсадзе видеосидт хæлиу кæны æмæ гуырдзиаг эмигнранттæм сиды фарсхæцынмæ.
«Байрайут Гуырдзыстоны фæсарæнты цæрæг гуырдзиæгтæ. Курæг уæ дæн, цæмæй иумæ слæууæм нæ бæстæйæн йæ фарсмæ. Ацы аз Гуырдзыстоны номæй рацæудзынæн Евроуынынадыл æмæ мын уæ фарсмæлæуд сегасæй нысаниуæгджындæр у. Æз сымахæн азардзынæн» – сиды Ото Немсадзе.
Гуырдзыстоны еврофестивалы фыццаг æрдæфиналон туры 14 майы, 11-æм номырæй азардзæн. Гуырдзыстонæн схъæлæс кæнын сæ бон у, Къипры, Монтенегройы, Фтинляндийы,Польшæйы, Словенийы, Чехы, Венгрийы, Белорусы, Сербийы, Бельгийы, Австралийы, Исландийы, Эстонийы, Португалийы, ГРецийы, Сан Маринойы, Израилы, Францы æмæ Испанийы цæрæг гуырдзиæгтæн.
Уый тыххæй та хъæуы, 14 майы, Централон европæйы рæстæгæй, 21:00 сахатыл бакæсат уыцы бæстæйы Æхсæнадон Телеуынынадмæ, кæцыйы дæр цæрут æмæ æрдæфиналон шоуйы кæрон, специалонæй лæвæрд номырмæ арвитат Гуырдзыстоны нымæц -11. Иу номырæй гæнæн ис 20 хатт фæдзурын.