Эмигранттæ, æз сымахæн азардзынæн – Ото Немсадзе гуырдзиаг эмигранттæм фарсхæцынмæ æрсидтис [видео]

Евроуынынады  зарæджы 2019  азы  конкурсы  гуырдзиаг хайадисæг  Ото Немсадзе  видеосидт хæлиу кæны æмæ  гуырдзиаг эмигнранттæм сиды  фарсхæцынмæ.

«Байрайут Гуырдзыстоны фæсарæнты цæрæг  гуырдзиæгтæ.  Курæг уæ дæн,  цæмæй  иумæ  слæууæм нæ бæстæйæн йæ фарсмæ.  Ацы аз Гуырдзыстоны номæй   рацæудзынæн Евроуынынадыл  æмæ мын уæ  фарсмæлæуд  сегасæй  нысаниуæгджындæр у. Æз  сымахæн азардзынæн» –  сиды Ото Немсадзе.

Гуырдзыстоны еврофестивалы  фыццаг æрдæфиналон  туры  14 майы, 11-æм номырæй   азардзæн.  Гуырдзыстонæн схъæлæс кæнын сæ бон у, Къипры, Монтенегройы, Фтинляндийы,Польшæйы, Словенийы, Чехы, Венгрийы, Белорусы, Сербийы, Бельгийы, Австралийы, Исландийы, Эстонийы, Португалийы, ГРецийы, Сан Маринойы, Израилы, Францы æмæ Испанийы  цæрæг  гуырдзиæгтæн.

Уый тыххæй та хъæуы, 14 майы,  Централон европæйы  рæстæгæй, 21:00  сахатыл  бакæсат  уыцы  бæстæйы  Æхсæнадон Телеуынынадмæ, кæцыйы дæр  цæрут æмæ æрдæфиналон шоуйы  кæрон, специалонæй лæвæрд  номырмæ  арвитат  Гуырдзыстоны  нымæц -11.  Иу номырæй   гæнæн ис  20  хатт фæдзурын.