Эмануэл Макрон - Хæсты стæм, не знаг та у æнæуынгæ, æнæрцахсгæ æмæ рæзгæ
«COVID19» -ы ахæлиуы превенцийы нысанæй, Францы президент, Эмануэл Макрон, бынативдыл сфидар кодта 15 бонон арæнæвæрдтæ. Телеуынынадæй сидты рæстæджы Эмаунэл Макрон æрджытæм æрсидтис, хæдзары уæвын æмæ æддæмæ æрмæст иттæг æнæмангхъæугæ хъуыддаджы тыххæй рацæуынмæ.
Францы президенты куырдиатæй, коронавирусимæ баст арæнæвæрд халæг кæцыфæнды æмбæстаг зæгъгæ æфхæрд баййафдзæн.
«Мах стæм хæсты, æнæниздзинады хæсты. Нæ нæ хæцæм æфсадимæ кæнæ æндæр паддзахадимæ. Не знаг у æнæуынгæ, æнæрцахсгæ æмæ рæзгæ. Уый махæй домы æххæстæй мобилизацидзинад», – загъта Эмануэл Макрон.
Францы хицауады скуыддзагæй, 22 мартмæ пълангонд бынæттон æвзæрстытæ æндæр рæстæгмæ ахастой.
Макрон афтæдæр райхъусын кодта, цæмæй коммуналон фидинæгты бафидын урæд æрцыд æмæ Францы иунæг æмбæстаг дæр нæ баззайдзæн æнæ ресурс.
Афтæма Макроны дзырдæй, зæгъгæ баххæст ис бадзырд Евроцæдисы æддæ арæнтæ 30 бонæй æрыхгæныны тыххæй.