Эмануэл Макрон – Украинайы  хæсты фæуды фæстæ æдасдзинады гарантитæ  Украина æмæ Уæрæсеимæ иумæ, хъуамæ ахæлиу уа   Гуырдзыстоныл, Азербайджаныл, Молдовæ æмæ Сомихыстоныл дæр
Эмануэл Макрон – Украинайы хæсты фæуды фæстæ æдасдзинады гарантитæ Украина æмæ Уæрæсеимæ иумæ, хъуамæ ахæлиу уа Гуырдзыстоныл, Азербайджаныл, Молдовæ æмæ Сомихыстоныл дæр

Францы президент  Эмануэл Макроны дзырдæй, зæгъгæ, Украинайы  хæсты фæуды  фæстæ  æдасдзинады  гарантитæ Украинайæн æмæ  Уæрæсеимæ иумæ,  хъуамæ ахæлиу уа  Гуырдзыстоныл, Азербайджаныл, Молдовæ æмæ Сомихыстоныл дæр.

Уый фæдыл  фидиуæн  Францы президент «Уол Стриит Джорналимæ»  интервьюйы  сарызта.

«Гарантитыл куы ныхас кæнын, уæд дзурын  ацы  бæстæтыл иууылдæр,  мах тыххæй æмæ Уæрæсейыл», –   райхъусын кодта Макрон.

Францы  лидеры дзырдæй,   Европæйы æдасдзинады  ног  архитектурæ  хъуамæ сифтонг кæна ацы регионы æмæ æппæт Европæйы  стабилондзинад  æмæ æдасдзинад.