Элизабет Руд – оппозицийы æмæ хицауады минæвæрттимæ уыд конструктивон фембæлд
Гуырдзыстоны Америкæйы Иугонд Штатты минæвары хæдивæг Элизабет Руд хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ оппозицийы æмæ хицауады минæвæрттимæ конструктивон фембæлд ацыд.
Элизабет Руд куыд банысан кодта, афтæмæй, фембæлдыл æркастысты политикон фарстатæ.
«Ныр хайад райстон дипломатты æмæ политикты æнæформалон фембæлды. Æркастыстæм политикон фарстатæ, фæлæ нæ хъавын детæлттыл ныхас кæнын. Зæгъдзынæн, æрмæст уый, цæмæй, уыд конструктивон фембæлд æмæ алкæмæ фæзындис хъуыдытæ, кæцытæ фæбæрæг уыдзысты æввахс фидæны», – райхъусын кодта Элизабет Руд.