Элизабет Руд - Тынг  бæрæг у, цæмæй  Гуырдзыстоны ныхмæ  агрессийы бæрнон  у  растдæр Уæрæсе
Элизабет Руд - Тынг бæрæг у, цæмæй Гуырдзыстоны ныхмæ агрессийы бæрнон у растдæр Уæрæсе

Тынг  бæрæг у, цæмæй  растдæр Уæрæсе у  бæрнон Гуырдзыстоны ныхмæ  агрессийы, – уый фæдыл журналисттæн, Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвары хæстæ æххæстгæнæг  Элизабет Руд Мухатгвердийы  æфсымæрон ингæныл уæвыны рæстæджы  загъта.

Америкаг дипломат  Уæрæсе-Гуырдзыстоны  августы  хæсты тыххæй  фæныхас кодта æмæ  ноджы  иу  хатт сфиксир кодта  фарсхæцынад Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.

«Мысæм уыцы  адæймæгты, кæцытæ  фыдыбæстæйы сæрыл  хæсты  сæхи снывонд кодтой, афтæдæр  сабырадон цæрджыты, кæцытæ фестадысты ацы хæсты  амæттаг.  Пайда кæнæм  ацы  фадатæй  æмæ  ноджы иу хатт фиксир кæнæм   Гукырдзыстоны сувернитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн   фарс хæцын.  Ноджы иу хатт сидæм  Уæрæсемæ  бахъахъхъæна  2008 азы  æхсты фæурæды фæдыл бадзырд æмæ акæна йæ  æфсæддæ   хæстагъоммæ позицитæм,  бауадза гуманитарон  æххуыс Абхаз æмæ  Хуссар Ирыстонмæ, кæцытæ  Гуырдзыстоны æхсæнадæмонæй нымад  территоритæ сты. Фауæм  адæймаджы барты гуырымыхъхъ хæлд цæуынц Абхаз æмæ  Хуссары Ирыстоны  æрвылбойнонæй, афтæдæр Гуырдзыстоны  æмбæстæгты  скъæфты  фактытæ.  Разы стæм, тыхыбын бынативгæ  уæнгты аккагæй  æрыздæхынимæ сæрмагонд хæдзæрттæм.  Æххæстæй  йæ фарс хæцæм  Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.

Мæ хъуыдымæ гæсгæ, бæрæг у, цæмæй растдæр Уæрæсе у бæрнон Гуырдзыстоны ныхмæ  агрессийы»,- райхъусын кодта  Элизабет Руд.