Элизабет Руд - мадзæлттæ, кæцытæ  фæстаг периоды Уæрæсе Гуырдзыстоны æрдæм сæххæст кодта, æнæрæстаг, нæхъæугæ æмæ æнæпропорцион  уыдысты
Элизабет Руд - мадзæлттæ, кæцытæ фæстаг периоды Уæрæсе Гуырдзыстоны æрдæм сæххæст кодта, æнæрæстаг, нæхъæугæ æмæ æнæпропорцион уыдысты

Гуырдзыстоны АИШ-ы  минæвары хæстæ æххæстгæнæг  Элизабет Руд хъусын кæны, цæмæй  мадзæлттæ, кæцытæ  фæстаг периоды  Уæрæсе  Гуырдызстоны æрдæм  сæххæст кодта,  æнæрæстаг, нæхъæугæ æмæ æнæпропорцион  уыд.

Афтæма, минæвары хæстæ æххæстгæнæг  йæ хъусдард  сцырын кодта, администрацион арæйнон  хаххы  цур  æхгæд  ауадзæн  пунктытыл æмæ банысан кодта, цæмæй зæгъгæ уый  серьозон проблемæ у.

«Мадзæлттæ кæцытæ  ацы  фæстаг периоды  сæххæст кодта Уæрæсе, ай уыд   тахтыты  фæмацы кæнын Гуырдзыстонимæ, афтæдæр   сидт, цæмæй Гуырдзыстонмæ  туристтæ ма  абалц кодтаиккой, йæ  сæрмагонд æмбæстæгтæ, ай уыд  æнæраст, нæхъæугæ æмæ æнæпропорцион.   Фæлæ мæ  фæнды сæрмагонд хъусдард сцырын кæнын  администрацион  арæйнон  хаххы цур æхгæд пунктытыл. Ай у серьозон проблемæ  æмæ сидт, уымæн æмæ  вазыгджындæр кæны  гуманитарон уавæр дыууæдæр æрдгæй цæрджытæн,  арæн сын кæны бынативды  фадат æмæ æвзæрын кæны серьозон проблемæ» – загхта Элизабет Руд  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ ацы фарста  кастæуыд  Женевæйы бадзырдты форматы.

«Сидын Абхазы  де-факто хицауадмæ, аива  архаййæг арæнæвæрдтæ  æмæ  Уæрæсемæ та,  бакоммæ кæса 2008 азы  æхсты фæурæды  фæдыл  бадзырдмæ, кæцымæ гæсгæ дæр, гуманитарон æххуыс рæувадат хъуамæ уа» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ ныхасы рæстæджы, АИШ-ы минæвары хæстæ  æххæстгæнæг.