Элизабет Руд – Сидæм Уæрæсемæ, бакоммæ кæсæт 2008 азы æхсты фæурæды фæдыл бадзырдæн
АИШ-æ мæсты у уыцы уавæрæй, кæцы ис Хуссар Ирыстоны администрацион дихгæнæг хаххыл, сæрмагондæй та Чорчанайы хъæуы. Сидæм уырыссаг æмæ ирон фæрстæм, райсæт алы хъæугæ мадзал, цæмæй æрцæуа ситуацийы деескалаци, – уый фæдыл Гуырдзыстоны АИШ-ы минæвары хæстæ æххæстгæнæг Элизабет Руд райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ нысаниуæгджын у ситуацийы æрсабыр кæнынæн, спайда кæнæм алы механизмæй, цахæмдæр сты евроцæдисы цæстдарæг мисси æмæ тæвд хахх.
«Сидын Уæрæсемæ, бакоммæ кæсæт 2008 азы æхсты фæурæды фæдыл бадзырдæн æмæ акæнæт сæрмагонд тыхтæ. Афтæдæр иттæг мæстыгæнæг у уыцы факт, цæмæй ауадзæн пункттæ æхгæд сты администрацион арæныл, уымæн æмæ уый æвзæрын кæны уæззау гуманитарон уавæр уыцы адæймæгтæн, кæцытæ цæрынц администрацион хаххы иннæ фарс. Растдæр уый тыххæй сидæм де-факто хицауадмæ, байгом кæнæт ауадзæн пункттæ», – райхъусын кодта Элизабет Руд.