Экономикæйы министр приватизацийы æрдæм атынды æнæмæнгхъæудзинадыл дзуры
Экономикон политикъæ æмæ ларийы къурс цалдæр скæнæгæй у, ай нæу æрмæст Националон банкъы контрибуци, ай у æндæр уагдæтты контрибуци дæр – уый фæдыл журналисттæн Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Натиа Турнава загъта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ ларийы курсы фидардзинады иуæй-иу компонент у бизнес баахъаз кæнын. Афтæдæр йæ ныхасмæ гæсгæ, ларийык къурсы фæфидар ноджы иу мæцъис у батагъдгонд приватизаци.
«Мах фæцырддæр кодтам æнæзмæлгæ мулкы приватизаци. 100 милуан ахæм бæрц у кæцы æнцонæй сыххæст уыдзæн. Цыдæриддæр та паддзахады сæрмæмулкы ныры онг уæвæг кондадты приватизацимæ æххæссы, уым нæ хъæуы æцæгдæрæй атынд ракæнын, уымæн æмæ ацы æрдгæй уым нырма нæ фæцрдæг стæм. Уымæ цæттæ стæм æмæ активон куыст райдайдзыстæм. Райхалдзынæн, цæмæй ай нæ баххæсдзæн уыцы цалдæр стратегион кондадмæ, дæнцæн æфсæнвæндагмæ, электросистемæмæ, кæцы æххæст кæны иттæг нысаниуæгджын рард нæ цæрджыты раз æмæ сæ приватизаци ацы этапыл плангонд нæу. Фæлæ ис тынг бирæ, 1000-ы онг æндæр кондад, кæцы кондады функци нырид фесæфта, ис йыл бирæ хæстæ æмæ агуры реалон хицау. Ам алцыппæт хъуамæ бакæнæм, цæмæй æрбаласæм хицæн бизнес, сæвзæрын кæнæм куыст бынæттæ, æмæ урæд паддзахадон объекттæ скусын кæнæм», – райхъусын кодта Натиа Турнава.