Экатерине Тъикъарадзе – паддзахад æнæаскуынгæ режимæй дарддæр кæны кусын вакцинæтæй цæрджыты æнæкуылымпыйæ ифтонг кæнынæн
Парламенты «Министры сахаты» форматы Экатерине Тъикъарадзе вакцинацийы фарсты фæдыл фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй вакцинаци рæувадат дæр скæнынæн, министрад ковидвакцинацийы пунктты нымæц фылдæр кæны, цы ран процесс æдасдзинады бæрзонддæр мадзæлттæ хъахъхъæнгæйæ цæудзæн.
Министры æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, æввахс фидæны вакцинацийы фарсхæцæг процесстæм, æвзонгтæ баиу уыдзысты вакцинацийы офицерты статусæй.
«Паддзахад æнæаскуынгæ режимы дарддæр кæны куусын вакцинæтæй цæрджыты æнæкуылымпыйæ ифтонг кæнынæн. Ацы этапыл цæуы «Pfizer»-ы милуан дозæйы æдæттыны датæты бæлвырд. Майы кæронмæ куæлæмхасæй райсдзыстæм «Астразенекайы» 86 000 дозæ æмæ «Сновакы» 100 000 дозæ. Вакцинæ рæувадат скæнынæн, этапгай рæзын кæнæм ковидвакцинацйыи пунктты нымæц, кæцыты процесс æдадсзинады бæрзонддæр стандарттæм гæсгæйæ цæудзæн. Афтæма, ис нын нысаниуæгджын ногдзинад. Иууыл тагъд нæ фæсивæд вакцинацийы офицерты статусæй баиу уыдзысты вакцинацийы ахъаззаг процесстæм. Уыдон цæрджытæн зонын кæндзысты æххæст информаци, вакцинацийы фæдыл, æмæ кæй фæнды алкæмæн баххуыс уыдзысты вакцинацийы порталыл регистрацийы процессы», – райхъусын кодта Экатерине Тъикъарадзе.