Гуырдзыстоны парламенты депутат Эка Беселиамæ генералон прокуратурæмæ фæсидтысты. Уый фæдыл информацийы прокуратурæ хъусын кæны.
Прокуратурæйы ахæлиугонд фидиуæны куыд дзырдæуы, афтæмæй, хъуыддаг æххæссы Эка Беселиайы куырдиæттæм, сæрмагонд цардуагы æвдисæг сусæг ныффыстытæй æндæр æмæ æндæр гоймæгтæм хъомыс дарын æмæ шантажмæ.
«Гуырдызстоны парламенты уæнг Эка Беселиа, сæрмагонд цардуагы æвдисæг сусæг ныффыстытæй æндæр æмæ æндæр гоймæгтæм хъомыс дарын æмæ шантажы фæдыл, медийы цы фидиуæнтæ сарызта, уыдон тыххæй, фæсидтыстæм Гуырдзыстоны генералон прокуратурæмæ.
Депутатмæ фæдæвзарæг уагдонæй знон фæдзырдтой, фæлæ уый райхъусын кодта, цæмæй цæугæ къуырийы мидæн прокуратурæмæ бацæуынæн йæ не вдæлы.
Эка Беселиа банысан кодта, цæмæй фæдæвзарæг уагдонмæ бацæуыны датæ, прокуратурæйæ къуырисæры йæхæдæг фехъусын кæндзæн.
Уымæ æмбæлгæйæ дæр, ацы этапыл Гуырдзыстоны прокуратурæ хъаджджын у фадатæй, парламенты уæнгæй райса уæлæмхас информаци æндæр æмæ æндæр гоймæгтæм сæрмагонд цардуагы æвдисæг сусæг ныффыстытæй гæнæн хъомысдарынад æмæ шантажы фæдыл», – дзырдæуы прокуратурæйы фидиуæны.