Германийы  гуырдзиаг барадхъахъхъæнджытæм агуырды уæвæг Гиорги Каландадзейы  æрцахстой
Германийы гуырдзиаг барадхъахъхъæнджытæм агуырды уæвæг Гиорги Каландадзейы æрцахстой

 

Германийы  Федерацион Республикæйы  барадхъахъхъæнæг оргæнтæ  Берлины  аэропорты  Гуырдзыстоны  барадхъахъхъæнæг оргæнтæм агуырды уæвæг  Гиорги Каландадзейы  2021 азы 19  декабры  æрцахстой. Информаци уый фæдыл  Гуырдзыстоны  генералон прокуратурæ хъусын кæны.

Уагдоны  хъусинагæй, Гиорги Каландадзе агуырды  уыд  Э.К.-ы  æнæзакононæй   æрцахсты  æмæ   хъизæмары  аххосæй, тугтæрхоны барадмæ гæсгæйæ.

«Фæдагуырдæй  фæбæрæг,  ома 2012  азы июлы, Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады  министры хæдивæг Давит Ахалаиа, генералон штабы хистæры хæдивæг Гиорги Каландадзе, æфсæддон пъæлицæйы  департаменты хистæр Мегис Кардава æмæ МХМ конституцион æдасдзинады департаменты   Абхазы  автономион  республикæйы  сæйраг уагдоны  хистæр  Роман Шаматава, иумæйагæй  нывæндыдсты  Э.К.-ы  æнæзакононæй  æрцахсын  æмæ  хъизæмары фæрцы, уымæй  террористон акт æрцæттæйыл басæттын.

Сæ  фæнд сыххæст кæнынæн,  сæ барамындæй  2012 азы  28 июлы  Гуырдзыстоны МХМ-ы  Самегрело-Уæллаг Сванеты   уагдоны  кусджытæ, Зугдиды æнæзакононæй  æрцахстой  Э.К-ы  æмæ  хъадамантæй æмæ масæ кондæй  Тбилисы  æфсæддон  пъæлицæйы департаменты адмитнистрацион бæстыхаймæ  аластой.

2012 азы 29 июлы  Давит Ахалаиа, Гиорги Каландадзе, Мегис Кардава  æмæ Роман Шаматава, æфсæддон пъæлицæйы бæстыхайы,  цалдæр сахаты дæргъы  Э.К.-ы хъизæмар  æмæ нæмыны рæстæджы,  цалдæр хатт йыл  бакалдтой  цывзыйы  газ  æмæ  йыл  ныххудугы   инсценировкæйы  нысанæн,  йæ сæрыл  æркодтой   полиэтилены пакет. Э. К-йæн   хъизæмары  фæстиуæгæн йæ зæрдæ бахъарм, фæлæ  йын медицинон æххуыс   нæ бауагъдтой. Хъизæмары фæстæ та йæ   уагдоны  иуæй-иу  уаты,  æвæрæз уавæры  уæвгæйæ  дарттой.

Гиорги Каландадзейæн   бавдыст  аххосаг  æфхæрды  мадзалæй  йæ хъуыдыйы  дары  ахст, 12-æз 7 азы онг.

Гуырдзыстоны генералон прокуратурæ, немыцаг фарсмæ,  агуырды  уæвæг уæнгы  Гуырдзыстонмæ  экстрадицийы  фæдыл  куырдиатæй,   закъонæй бæрæг  æмгъуыдтæм  баздæхдзæнис», –  банысангонд у  прокуратурæйы  фидиуæны.