Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяху компанитæ «Pfizer» æмæ «Модернаимæ» ноджы иу контракт бафыста
Израилы премьер-министр Биньямин Нетаньяху компанитæ «Pfizer» æмæ «Модернаимæ» ноджы иу контракт бафыста. Бæстæ 2022 азы вакцинæты уæлæмхас дозæтæ райсдзæн.
Ахæлиугонд информацийæ, Израиль 2022 азы «Pfizer»-æй вирусы ныхмæ вакцинæйы уæлæмхасæй 18 миоуан дозæ райсдзæн, «Модернайæ» та авд милуан.
«Уый нысан кæны, цæмæй иууыл тагъд нын æгъгъæдæй фылдæр бæрцæй вакцинæ уыдзæн, æнахъомтæн æмæ сывæллæттæн дæр. Израил коронавирусы ныхмæ тохы уыдзæн сеппæтæй раззаг рæнхъыты», – райхуъсын кодта Биньямин Нетаньяху.