«CNN» - Джо Байден Биньямин Нетаньяхуимæ телефонон ныхасы  не рсидтис  Газамæ бахызтæй хи фæуромынмæ
«CNN» - Джо Байден Биньямин Нетаньяхуимæ телефонон ныхасы не рсидтис Газамæ бахызтæй хи фæуромынмæ

АИШ-ы  президент  Джо Байден  Израилы  премьерминистр Биньямин  Нетаньяхуимæ  телефонон ныхасы  рæстæджы    не рсидтис  Газамæ бацæуынæй  хифæуромынмæ, –  уый фæдыл  «CNN» Америкаг бæрзонд гæсыл  æнцойæ  хъусын кæны.

Телекомпанийы  хъусинагæй,   бæрзонд гæс  дыууæ лидеры  телефонон ныхасы  деталтæ  зоны.

«CNN»-ы информацийæ, ацы дыууæ  бæстæйы  лидеры  радæй  æртыккаг  телефонон  ныхас у, 7 октябры  «Хамас»  Израилмæ ныббырста.

Телекомпани  куыд хъусын кæны, афтæмæй   Джо Байден   æмæ Биньямин Нетаньяху Израилæн фарсхæцыны, партнерады  æмæ æмцæдисонтимæ иумæ  координацигонд   тыхархайды фарстатæ æркастысты, кæцытæй   гæнæн хъуамæ бауа  терроризмы ныхмæ Израилы сæрыл рахæцын.