Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 602 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 697 пациенты
Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 602 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 697 пациенты

Ивгъуыд иу  къуырийы  (09.05-15.05.2022) дæргъы Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 602 цау сбæрæг ис. Бæстæйы  697 адæймаг  сæнæниз ис.  Иу къуырийы  бæрæггæнæнтæй,  коронавирусæй  амард   1  пациент. Уый фæдыл  информаци  публикаци кæны низты контролы   националон центр.

Уагдоны хъусинагæй, фылдæр циркуляци кæны æмæ доминант у  омикроны В.А.2 штамм.

Иу къуырийы  дæргъы бæстæйы арызт уыд  97 625 тест,  сæ нымæцы  антигены тест  – 86 222, «PCR» тестæй – 11 403.

7 бонон басгæрсты  æвæрццагады бæрæггæнæн у  – 0.62%.

Раззаг иу къуырийы (02.05-08.05.2022)   бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 745 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 984 пациенты, коронавирусæй рынчын  аст пациент амард.