Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 12 787  ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 14 257 пациент
Иу къуырийы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 12 787 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 14 257 пациент

Фæстаг иу къуырийы  (28.08-02.09) дæргъы Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 12 787 цау сбæрæг ис. Уый фæдыл  информаци  публикаци кæны низты контролы   националон центр.

Иу  къуырийы  бæрæггæнæнтæй,  бæстæйы коронавирусæй   сæнæниз ис 14 257 адæймаг,  амард  аст  пациент.

Къуырийы  мидæг бæстæйы  арызт уыд  73 436 тест. 7 бонон басгæрсты  æвæрццагады бæрæггæнæн у  – 17.41%.

Раззаг иу къуырийы (21.08-28.08)  бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 13 737 ног цау сбæрæг ис, сæнæниз сты 14 486 пациенты, коронавирусæй рынчын  3  пациент амард.