Италиайаг медиайы хъусинагæй, Олаф Шольц цæттæ кæны  Украинæйы сабырады ног  планы, кæцы  Украинæйы территориты  хайы фæхатыр кæнын дæр дары  йæ хъуыдыйы
Италиайаг медиайы хъусинагæй, Олаф Шольц цæттæ кæны Украинæйы сабырады ног планы, кæцы Украинæйы территориты хайы фæхатыр кæнын дæр дары йæ хъуыдыйы

Италиайаг  газет  «La Repubblica»  хъусын кæны, цæмæй Германийы   канцлер Олаф Шольц  Украинæйы   конфликты   аскуыдздагы   сæрмагонд  план  цæттæ кæны. Германийы   хицауады æмæ  Социал-Демократон партиимæ  хæстæг равзæрæны   информацийæ,  Шольцы  план  гæнæн ис  ног «Минскы бадзырдты»  хуызæн   уа  æмæ Мæскуыйæн   Украинæйы  территориты хайы  фæхатыр кæнын дæр дара  йæ хъуыдыйы.

Италиайаг   рауагъдады хъусинагæй,  регионон æмæ европаг   æвзæрстыты   æнæнтысты фæстæ Германийы  канцлеры фæнды «Украинаг  картæйæ ахъазын» сæрмагонд  позициты  сфидар кæнынæн.  Рауагъдад   афтæдæр банысан кодта. Цæмæй  конфликты  фæуды фæндæгты агурынмæ  йæ басхуыста   оппозицион «Чырыстон-Демократон Цæдис» дæр.

Бæрæгдзырдæн, уæдмæ  телеуынынадон интервьюйы   Шольц райхъусын кодта, цæмæй   Украинæйы   конфликты   сабырадон алыгы  кæсыны  афон æрлæууыд.   Йæ хъуыдымæ гæсгæ,  хъæуы  ног самиты ауадзын Украинæйы кризисы   алыг кæнынæн, кæцыйы   Уæрæсе дæр  æнæмæнгæй хъуамæ иса хайад.

Фæнысан кæнинаг у, цæмæй  Украинæйы  президент, Володимир Зеленски, кæцы  ивгъуыд   къуырийы  фембæлдис Шольцимæ,  æрмæст стæй   Италиамæ  Чернобилйы  форуммæ ныццыд, афтæма  райхъусын кодта, цæмæй  цæттæ  кæны  бæрæг  план.   Афтæма йæ  дзырдæй,  ацы  планы  уый АИШ-ы  архайæг   президент Джо Байденæн æмæ АИШ-ы  президентон æвзæрстыты   дыууæдæр кандидатæн –   Дональд Трамп æмæ Камала Харрисæн  базонын кæндзæн.