Иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны æгæр æвзонг кары къайад ахæлиу ис æппæт бæстæйы масштабæй
Æгæр æвзонг кары къайад ахæлиу ис æппæт бæстæйыл, сæйраг сахары банымадæй, афтæдæр дæр æндæр æмæ æндæр этникон кæнæ дины минæвар адæмты æхсæн – уый фæдыл 2017 азы æвзонг кары къайады æмæ сылгоймæгты æрдон органты сфыдуынд кæныны знаггадгæнæг практикæйы фæдыл уагъд иртасæны мидæг дзырдæуы.
ИНО-йы цæрджыты фонды Гуырдызстоны офисы къуыхдариуæггæнæг Лела Бакрадзе куыд банысан кодта афтæмæй, иртасæны фæтсиуæгæн рабæрæг ис, цæмæй æгæр æвзонг кары къайад æцæгæйдæр баст у традицитимæ кæнæ искæцы этникон къордтимæ нæ фæлæ, ахæлиу ис æппæт бæстæйы масштабæй, куыд сахарты – афтæ хъæутыл дæр.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, иртасæны фæстуджытæй афтæдæр фæбæрг ис, цæмæй ис æнæраст ахаст æвзонг кары къйады æрдæм.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, иртасæн равдыста, цæмæй æгæр æвзонг кары къайады практикæ фылдæр баст вæййы ууыл, цæмæй бæстæйы тынг уæрæхæй ахæлиу сты стереотипон генденрон нормæтæ, кæцы æгæр æвзонг кары къайады практикæ цырын кæыннц.
Уымæй уæлдай ма иртасæнæй фæбæрæг ис, цæмæй æгæр æвзонг кары къайад баст у ахуыры аскъуынынимæ, сæрмагондæй та чызджыты цауы.
Цыдæриддæр та гениталиты сфыдуындкæныны фарстмæ æххæссы, иртасæны авторты фидиуæнæй, рафарстæй фæбæрæг, цæмæй ахæм практикæ нал ис кæнæ кæд ис, уæд тынг сусæг формæтæй.