«IRI» - æмбæстæгты 60 не сты разы оппозицион партитæ парламентон куыстæн бокот кæй сидынц уыимæ
Хицаугæнæг æмæ оппозицион партиты æхсæн æнæразыдзинады фоныл, æмбæстæгты 60% не сты разы оппозицион партитæ парламетон куыстæн бойкот кæй сидынц уымæн, уый нымæцы 42% -«Бынтон нæ разы кæны» æмæ 18%- «бæрæг бæрцæй нæ разы кæны», – уый фæдыл банысангонд у Æхсæнадæмон Республикон Институты ахæлиугонд иртасæны.
Æхсæнадæмон Республикон Институт 2020 азы парламентон æвзæрстыты фæстæ фыццаг национ масштабы æхсæнадон хъуыдыйы иртасæн ауагъдта, кæцы æвдисы æмбæстæгты катай экономикон фарстæтытыххæй æмæ мæстыдзинад хицауад куыд архайы коронавирусы пандемийы уавæрты.
«Азты дæргъы уагъд иртасæнтæ æвдыстой, цæмæй Гуырдзыстоны цæрджытæ хицæн кодтой иудадзыг оптимизмæй. Бæрæг куыд у, афтæмæй, ацы тенденци ивы. Æмбæстæгтæ фылдæр тыхсынц экономикон фарстæтæй, пандеми æмæ цæугæ политикон кризисы тыххæй», – райхъусын кодта Æхсæнадæмон Республикон Институты Евразийы директор Стивен Никс.
Иртасæнмæ гæсгæйæ, цæрджыты 76 процент хъуыды кæны, цæмæй ивгъуыд азы дæргъы, бæстæйы экономикон уавæр «дзæвгар фæфыддæрдæр ис» (37%) æмæ «Нысаниуæгджынæй фæфыддæрдæр ис» (39%). Респондентты 63% хъуыды кæны, цæмæй сæ бинонты экономикон уавæр фæфыддæрдæр ис, 71% та хъуыды кæны, цæмæй экономикон уавæр «дзæвгар фæфыддæрдæр ис» кæнæ та «тыхджын» æвзæр у. Уымæй уæлдай ма, рафарст цæрджыты 65% æгуыстдзинад схуыдтой бæстæйæн йæ проблемæтæй сегасдæр ахсджиагæй.
Рафарст цæрджыты 59% райгонд сты хицауады архайдæй пандемийы ныхмæ тохы æрдгæй, уый нымæцы «зæгъæн ис райгонд у» (44%), æмæ «тыхджын райгонд та у» (15%).
Ацы бæрæггæнæн IRI-ы 2020 азы июны уагъд иртасæны бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ 20% хауд æвдисы. Сæрмагондæй банысан кæнын хъæуы уый, æмæ пандемийæ расайгæ экономикон кризис фæрогдæр кæнынæн, хицауады къахдзæфтæй, цæрджыты 45% райгонд сты, 2020 азы июны иртасæны та ацы бæрæггæнæн уыдис 56%-ы бæрц.
Хицаугæнæг æмæ оппозицион партиты æнæразыдзинады фоныл æмбæстæгты 60% не сты разы оппозицион партитæ парламетон куыстæн бойкот кæй сидынц уымæн, уый нымæцы 42% -«Бынтон нæ разы кæны» æмæ 18%- «бæрæг бæрцæй нæ разы кæны».
Уымæ нæкæсгæйæ æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты фæнды се æвзæрст политиктæ адарддæр кæной парламентон куыст, цæрджыты хъуыды дыууæ хайыл адих ис уæлрадон парламентон æвзæрстытæ ауадзыны фæдыл 45% разы сты уæлрадон æвзæрстытимæ, æрмæст 45% та уыйимæ нæ разы кæнынц.
Ацы ссарæггæгтæ сты нысаниуæгджын сигнал, куыд хицаугæнæг, афтæ оппозицион партитæн. Гуырдзыстоны цæрджыты фæнды архайынхъом парламент, кæцы сæ хъæуындзинæдтæ æмæ проблемæтæ размæ рахæцдзæн» – загъта Никс.
Иртасæны быдырон куыстытæ сыххæст кодта «IPM». Бæрæггæнæнтæ баххæст сты стратификацион бирæкъæпхæнджын сæмбæлгæ равзæрсты методæй, комкоммæ интервьюйы фæрцы. Æвзæрст уыдысты æвзарæнон хъæлæсы бар æмæ кар кæмæн ис ахæм 1500 æмбæстаг. Рæдыды арæн у +/- 2.5 процент, дзуапп дæттыны бæрæггæнæн -75%. Иртасæны сыххæст кæнын гæнæн баис америкаг адæмы æххуысæй, АИШ-ы æхсæнадæмон рæзынады агентады фæрцы.