«IRI» -  æмбæстæгты 60 не сты разы оппозицион партитæ парламентон куыстæн бокот кæй сидынц уыимæ
«IRI» - æмбæстæгты 60 не сты разы оппозицион партитæ парламентон куыстæн бокот кæй сидынц уыимæ

Хицаугæнæг æмæ оппозицион партиты æхсæн  æнæразыдзинады фоныл, æмбæстæгты  60% не сты разы  оппозицион партитæ парламетон куыстæн бойкот кæй сидынц  уымæн, уый нымæцы  42%  -«Бынтон нæ разы кæны»  æмæ 18%- «бæрæг бæрцæй нæ разы  кæны», –  уый фæдыл  банысангонд у  Æхсæнадæмон Республикон Институты  ахæлиугонд иртасæны.

Æхсæнадæмон  Республикон Институт 2020  азы парламентон æвзæрстыты фæстæ фыццаг  национ  масштабы  æхсæнадон  хъуыдыйы  иртасæн  ауагъдта,  кæцы æвдисы æмбæстæгты катай  экономикон  фарстæтытыххæй  æмæ  мæстыдзинад  хицауад куыд  архайы  коронавирусы  пандемийы  уавæрты.

«Азты  дæргъы  уагъд  иртасæнтæ æвдыстой, цæмæй Гуырдзыстоны цæрджытæ  хицæн кодтой иудадзыг оптимизмæй.  Бæрæг куыд у, афтæмæй, ацы тенденци  ивы.  Æмбæстæгтæ  фылдæр  тыхсынц экономикон фарстæтæй, пандеми æмæ  цæугæ политикон кризисы тыххæй», –  райхъусын кодта  Æхсæнадæмон Республикон Институты  Евразийы директор  Стивен Никс.

Иртасæнмæ гæсгæйæ, цæрджыты  76 процент хъуыды кæны, цæмæй ивгъуыд азы  дæргъы, бæстæйы  экономикон   уавæр  «дзæвгар фæфыддæрдæр ис» (37%)  æмæ «Нысаниуæгджынæй фæфыддæрдæр ис» (39%). Респондентты  63%  хъуыды кæны, цæмæй  сæ  бинонты экономикон  уавæр фæфыддæрдæр ис,  71% та хъуыды кæны,  цæмæй  экономикон уавæр  «дзæвгар фæфыддæрдæр ис» кæнæ та «тыхджын» æвзæр у.  Уымæй  уæлдай ма, рафарст цæрджыты  65%  æгуыстдзинад схуыдтой   бæстæйæн йæ проблемæтæй  сегасдæр ахсджиагæй.

Рафарст цæрджыты 59%  райгонд сты хицауады  архайдæй   пандемийы  ныхмæ тохы æрдгæй,  уый нымæцы  «зæгъæн ис райгонд у»  (44%), æмæ «тыхджын райгонд  та у» (15%).

Ацы бæрæггæнæн  IRI-ы 2020 азы  июны уагъд иртасæны бæрæггæнæнтимæ  абаргæйæ  20% хауд æвдисы.  Сæрмагондæй  банысан кæнын хъæуы уый, æмæ  пандемийæ расайгæ  экономикон   кризис фæрогдæр кæнынæн, хицауады къахдзæфтæй,  цæрджыты 45%  райгонд сты, 2020 азы  июны иртасæны та ацы  бæрæггæнæн уыдис 56%-ы бæрц.

Хицаугæнæг æмæ оппозицион партиты  æнæразыдзинады фоныл æмбæстæгты  60% не сты разы  оппозицион партитæ парламетон куыстæн бойкот кæй сидынц  уымæн, уый нымæцы  42%  -«Бынтон нæ разы кæны»  æмæ 18%- «бæрæг бæрцæй нæ разы  кæны».

Уымæ нæкæсгæйæ  æмæ Гуырдзыстоны  æмбæстæгты фæнды се æвзæрст политиктæ  адарддæр кæной  парламентон куыст, цæрджыты  хъуыды  дыууæ хайыл адих ис уæлрадон  парламентон æвзæрстытæ ауадзыны фæдыл  45%   разы сты  уæлрадон æвзæрстытимæ, æрмæст 45% та  уыйимæ нæ разы  кæнынц.

Ацы ссарæггæгтæ сты нысаниуæгджын сигнал, куыд  хицаугæнæг, афтæ  оппозицион  партитæн. Гуырдзыстоны цæрджыты фæнды  архайынхъом парламент, кæцы сæ  хъæуындзинæдтæ æмæ  проблемæтæ размæ рахæцдзæн» – загъта Никс.

Иртасæны быдырон куыстытæ  сыххæст кодта «IPM». Бæрæггæнæнтæ   баххæст сты  стратификацион  бирæкъæпхæнджын  сæмбæлгæ  равзæрсты методæй,  комкоммæ интервьюйы фæрцы.  Æвзæрст уыдысты  æвзарæнон хъæлæсы бар æмæ кар кæмæн ис ахæм 1500 æмбæстаг.  Рæдыды  арæн у  +/- 2.5 процент,  дзуапп дæттыны  бæрæггæнæн -75%. Иртасæны  сыххæст кæнын гæнæн баис  америкаг  адæмы  æххуысæй, АИШ-ы  æхсæнадæмон рæзынады агентады фæрцы.