Ираны ставд горæтты майрæмбоны куывд нæ ацæудзæн, Сауды Арави та, Меккамæ пиллигримтæй цыд фæтобæ кодта
Коронавирусы тыххæй, Ираны ставддæр горæтты, майрæмбоны куывд нæ цæуы. Уый фæдыл агентады «Эссошиэйтед Пресс» хъусын кæны.
Фæнысан кæнын хъæуы уый æмæ ирайнаг медийы хъусинагæй, ивгъуыд къуырийы майрæмбоны куывд аивдтой Тегераны.
Официалон бæрæггæнæнтæй, Ираны коронавирусæй амард 92 адæймаг, рынчынты нымæц та ахызт 2900-йæ.
Коронавирусы тыххæй, Сауды Арави йæ æмбæстæгтæн æмæ фæсарæйнæгтæн Меккамæ пилигримтæй цыд фæтобæ кодта.