Иран æрсидтис Анкарамæ, æнæаргъæвгæйæ фæурома æфсæддон операци Сирийы
Ираны фæсарæнхъуыддæгты министрады официалон минæвар æрсидтис Анкарамæ, æнæаргъæвгæйæ фæурома æфсæддон операци Сирийы. Бахрам Касемы ныхæстæм гæсгшæ, Турк конструктивон роль хъуамæ сæххæст кæна Сирийы конфликты аскуыддзагы хъуыддаджы.
«Ираны Республикæ лæмбынæг йæ цæст дары Африны цæугæ фæзындтæм æмæ ныфс æвæры, цæмæй æфсæддон операци æнæаргъæвгæйæ урæд æрцæудзæн» – æрхаста Касемы цитатæ газет Al-Araby Al-Jadeed.
Уымæй размæ, Сирийаг курдæгты ныхмæ Сирийы территорийыл турчы райдайгæ операцийы скритикæ кодта Египеты фæсарæн хъуыддæгты министрад дæр. Уагдоны загътой цæмæй архайд у Сирийы суверенитеты æфхæрд.