Иракъы 19 уырыссаг сылгоймагæн æнусон ахст стæрхон кодтой

Иракъы  19  уырыссаг  сылгоймагы  «Исламы Паддзахады» уæнгдзинады фæаххосджын кодтой  æмæ   сын  æнусаон ахст стæрхон кодтой.   Уый фæдыл   бынæттон   медиа  хъусын кæны.   Бæрæг куыд  у  афтæмæй   сылгоймæгтæ  террористон   организацийы  уæнгтыл маоймæдзыд  уыдысты.

Бакой уын кæндзыстæм  ахæм аххосагæй,   æнусон ахст  стæрхон кодтой авд  сылгоймагæн. Сæ нымæцы уыдис  дыууæ  уырыссаг.

Уырыссаг медийы  информацийæ,   ацы рæстæгмæ  Иракъы ахæстæтты  50-70 ы онг Уæрæсейы æмбæстаг  сылгоймаг  ис.   Уæрæсейы  æддæ  хъуыддæгты уагдоны  куыд дзурынц афтæмæй,    сæ хай  гоймаджын  æвдисæнгæххæттытæ  æфсæддон архæйдтыты  рæстæджы, сæхи къухæй  скуынæг кодтой.