Иракълэ Кобахидзе - Европæйы Советы парламентон ассамблейы раныхасгæнджытимæ нын уыд тынг хъуыддагджын æмæ хæларон фембæлд, кæцыйыл алы деталы æркастыстæм
Европæйы Советы парламентон ассамблейимæ нын уыд ныхас цæугæ процесстыл, уый нымæцы базонын кодтон информаци уыцы пронрессы фæдыл, кæцы баст у 12 пункты сыххæстимæ, афтæма æркастыстæм сæ арызт фидиуæн, уыдис нын критикон фиппаинæгтæ сæ раныхасыл, сæ куырдиатыл», – уый фæдыл «Картули Оцнебайы» сæрдар Иракъли Кобахидзе райхъусын кодта.
Кобахидзейы дзырдæй, зæгъгæ фембæлдыл алы фарста деталонæй æркастысты.
«Æмтгæй райсгæйæ нын уыд тынг хъуыддагджын æмæ хæларон фембæлд, кæцыйыл алы деталы æркастыстæм. 12 пунктыл дæр сын бавдыстам информаци, фехъусын сын кодтам, цæмæй деолигархизацийы фæдыл закъонопроект æрвыст у Венецийы Комиссимæ æмæ се рдгæй хатзæгмæ æнхъæлмæ кæсæм. Фæныхас кодтам уый фæдыл, цæмæй иурæстæгонæй хъавæм , куыд системон ахастæй ивддзинæдты сыххæст кæнын, афтæ персоналон балæудæй ивддзинæдтæ. Кæнæ та адарддæр уыдзæн системон реформæтæ æмæ уыимæ иумæ райдзыстæм деолигархизацийы фæдыл закъонопроект. Уыдон райгонд баззадысты Венецийы Комиссимæ деолигархизацийы законопроекты арвитынæй. Загътой нын, цæмæй банхъæлмæ кæсдзысты Венецийы Комиссийы радон хатдзæгмæ æмæ стæй уыдзæн дискуссийы фадат. Деталонæй фæныхас кодтам тæрхонон реформæйы тыххæй, уым дæр алы детал сын базонын кодтам, кæцы закъонопроекты бакусыны процессимæ у баст. Кæронбæттæн пакеттыл иумæ фæуынаффæ кæндзыстæм», – райхъусын кодта Кобахидзе.