Иракълэ Къобахидзе – Ис нæм ресурс, мæгуырдзинадыл кæронмæ фæтыхуæм æмæ бæрзондæфтиагджын бæстæйæ фестæм, уый тыххæй та, эффективон экономикон политикæимæ иумæ, сæйраг у сабырдзинад бахъахъхъæнын у
Бæстæйы райрæзты æмæ цæрджыты царды æмвæзады æнæиу барæн ис, фæлæ сегасдæр сæйраг барæн уæддæр у йæ экономикæ, æгъгъæд у æркæсат бæстæты номхыгъдмæ иу удгоймаг цæрæгыл а.х. PPP æмтгæйон мид продуктмæ гæсгæ æмæ бамбардзыстут, куыд цæры адæм иу кæнæ æндæр бæстæйы, – уый фæдыл «Картули Оцнебайы» сæрдар Иракъли Къобахидзе фыссы социалон хызаджы.
«Æхсæнадæмон Валютон Фонды æрæггæнæгтæй, Германийы æмæ Швецийы, адæм, Гуырдзыстонæй 3 хаттонæй хуыздæр цæрынц, Францы – 2,5 хаттонæй. Гуырдзыстнæй 60 процентæй хуыздæр цард кæнынц Уæрæсейы, æрмæст 50 процентæй хуыздæр та – Болгарийы. Гуырдзыстоны фæстæ сты Евроцæдисы уæнгтæм кандидат бæстæтæ, – Цæгат Македони, Босни, Албани, Молдовæ æмæ Украина, афтæма Азербайджан æмæ Сомихыстон.
Банысанкæнинаг у, цæмæй Гуырдзыстоны æмæ раздзог бæстæты æхсæн царды æмвæзады цæстæнгасæй, хъауджыдзинад сындæггай къаддæр кæны.
Дæнцæн, Æхсæнадæмон Валютон Фонды бæрæггæнæнтæй, 2012 азы Германи æмæ Швецийы адæм, Гуырдзыстонæй хуыздæр 3 хаттонæй нæ фæлæ, 4,5 хаттонæй хуыздæр цардысты, Францы 4 хаттонæй хуыздæр, Уæрæсейы æмæ Болгарийы та – 58 æмæ 51 процентæй нæ фæлæ, 148 æмæ 67 процентæй хуыздæр цард кодтой.
Уый æддæмæ ма, Æхсæнадæмон валютон фонды бæрæггæнæнтæй 2012 азимæ абаргæйæ, 2023 азы Гуырдзыстон экономикон бæрæггæнæнтæй Дунейы 30-æй фылдæр бæстæ фæуагъдта йæ фæстæ æмæ 110-æм бынатæй 79-æм бынатмæ схызтис.
Уый нысан кæны, цæмæй Гуырдзыстоны экономикæ æнæрмæст абсолютон цæстæнгасæй, фæлæ ма æндæр бæстæтимæ абаргæйæ дæр рæзы.
Æхсæнадæмон Валютон Фонды бæрæггæгæнæнтæй, 2028 азмæ ноджы фæкъаддæрдæр уыдзæн Гуырдзыстоны æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæты цæрджыты цардуагы æхсæн хъауджыдзинад. 2028 азы Гуырдзыстоны РРР æмтгæйон мидпродукты иу удгоймагыл 32 мин долларæй ахиздзæн æмæ фæстæзад Евроцæдисы бæстæты фылдæры хайæ (уый нымæцы Италиайæ, Испанийæ, Португалийæ, Грецийæ) дывæрæй къаддæр дæр суыдзæн.
Уый дæр хъæуы зæрдыл бадарын, æмæ фæстаг азты, Гуырдзыстон æхсæнадæмон валютон фонды прогноз кæддæриддæр уæлдайджынæй æххæст кодта. Уымæ гæсгæ дæр нын ис алы ресурс, 2030 азмæ раздзог Европаг бæстæтæй фæстæзад фæкъаддæр кæнæм, мæгуырдзинадыл кæронмæ фæтых уæм æмæ бæрзондæфтиагджын бæстæйæ фестæм. Уый тыххæй та сабыр уавæр хъуамæ бахъахъхъæнæм», – фыссы Иракъли Къобахидзе социалон хызаджы.