Ираклий Шотадзе - коммæгæс æмбæстагмæ куыд æмбæлы афтæ, æрбацыдтæн æмæ дзуапп ратдзынæн фæдæвзарæг камисы алы фарстæн
Раздæры сæйраг прокуррор Ираклий Шотадзе хъусын кæны, цæмæй Хоравайы уынгыл æрцæугæ марындзинады хъуыддаджы бацахуыргæнæг рæстæгмæ фæдæвзарæг камисы алы фарстæн ратдзæн дзуапп – уый фæдыл журналисттæн, экс- сæраг прокуррор фæдæвзарæг камисы рабадты размæ загъта.
«Закъоны коммæгæс æмбæстагмæ куыд æмбæлы афтæ, æрбацыдтæн æмæ дзуапп ратдзынæн алы фарстæн, амæй фылдæр та уын зæгъдзынæн камисы рабадты фæстæ» – райхъусын кодта Ираклий Шотадзе.
Фæдæвзарæг камис абон мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариайы дæр æрфæрсдзæн. Гахариа рабадты размæ журналисттæн комментарий нæ ратта фæлæ банысан кодта, цæмæй деталонæй фæныхас кæндзæн рафарсты фæуды фæстæ.
Хоравайы уынгыл марындзинады хъуыддаджы бацахуыргæнæг рæстæгмæ фæдæвзарæг камисы рабадтыл æрфæрстдзысты, мидхъуыддæгты министры Гиорги Гахариайы, юстицийы министры Тея Цъулукианийы æмæ раздæры сæйраг прокуррор Ираклий Шотадзейы.
Зæгъæн ис дыууæмæййон куысты дæргъы, парламентон фæдæвзарæг камис нырид 70-йы адæймагы рафарста, сæ нымæцы быцæудзинады хайадисæг æмæ цæстæйфенæг æнахъомты. Камисы уæнгтæ æнхъæл сты, цæмæй хатдзæг сын цæттæ уыдзæн сентябры.